Хетæджы Уастырджийы бон сбæрæг кæндзысты хуыцаубоны Ирыстоны цæрджытæ

Афæдзæй афæдзмæ Ирыстоны бæрæг кæнынц ирон адæмы сæйрагдæр æмæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Хетæджы Уастырджийы бон.

Афæдзæй афæдзмæ Ирыстоны бæрæг кæнынц ирон адæмы сæйрагдæр æмæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Хетæджы Уастырджийы бон. Ацы аз хауы 9 июлмæ (сусæны мæйы дыккаг хуыцаубонмæ) æмæ та нæ республикæйы сæдæгай цæрæджы æрбацæудзысты Хетæджы Уастырджийы кувæндонмæ сæ Райгуырæн зæхх æмæ сæ бинонты бафæдзæхсынмæ. Бæрæгбоны агъоммæ «15-æм Регион»-ы уацхæссæг ныхас кодта «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазыбегимæ.

Æхсæнадон организацийы разамонæг куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз бæрæгбон аразгæйæ æнæхынцгæ нæй нæ бæстæйы сæвзæргæ уавæр, Ирыстоны фæсивæды минæвæрттæ cæрмагонд æфсæддон операцийы кæй архайынц, бирæтæ та сæ цардтæ cæ Райгуырæн бæстæйы сæраппонд кæй радтой, уый.

«Æрбахæццæ кæны Лæгты дзуары бæрæгбон. Хъыгагæн, ацы аз афтæ æрыййæфта æмæ цы бæллæхтæ æрцыд, уый хорз зонæм не ‘ппæт дæр. Æнæхъæн зæххы къорийыл цытæ цæуы, уый хорз уынæм. Кæд æмæ уыцы уавæртæ сты, уæддæр мах зæдбадæн Ирыстоны кæддæриддæр хъуамæ фæдзæхсæм нæ кæстæрты. Бæрæгбон уыдзæн июлы дыккæгæм хуыцаубоны – 9 июлы.

Тыхæвзарæн рæстæг æркодта æмæ уырдæм (cæрмагонд æфсæддон операцийы архайынмæ – ред. фипп.) ацыд нæ фæсивæд. Зонæм, цы уавæртæ ис ныр, зонæм, цас рыст адæмы ис Ирыстоны, уый дæр. Уыдæттыл хъуыды кæнгæйæ æмæ кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ, бæрæгбоны дæр уæд вæййы мидис, сыгъдæг зæрдæйæ йæ куы кæнай, куы ‘мбарай хорз хъуыддаг дæр æмæ рыст хъуыддаг дæр.

Ирон адæм уæддæр кæрæдзийыл æнувыд сты, кæрæдзимæ уæхск кæддæриддæр бадарынц. Уынæм æй, сæ хъуыддæгтæ ныууадзынц æмæ æрлæууынц рыст адæмы цур. Ацы аз бæрæгбонæн æнæ кæнгæ нæй æмæ хъуамæ нæ уæздандзинад нæ разæй цæуа», – бафиппайдта Еналдыты Хъазыбег.

Уастырджи у нæлгоймæгты бардуаг, ирон адæмы фыдбылызæй хъахъхъæнæг, хæстонты уæлахизгæнæг дзуар. Хуыцаубоны йын йæ кувæндонмæ чи бацæудзæн, уыдон дзы фыццаджыдæр курдзысты сабырдзинад æмæ йыл фæдзæзсдзысты тохы быдыры чи ис, уыцы хæстонты.

«Адæм дзуары бынмæ цæуынц сæхи бафæдзæхсынмæ. Ацы аз афтæ рауайæд æмæ Иры хистæртæ куы скувой, уæд уыцы куывдтæ уæларвон фæуой, бæстæ куыд æрсабыр уа, куыннæ уал уа ацы тыхæвзарæн рæстæг, нæ хæстонтæ æнæ цъæрæмæхстæй куыд сыздæхой. Уыцы курдиæттимæ цæудзысты иууылдæр Тымбыл дзуары бынмæ æмæ йæ заманы Хетæгæн куыд баххуыс кодта дзуар, афтæ сæ бахъахъхъæнæд фыдбылызæй, амондæй сæ фæхайджын кæнæд. Ацы уæззау уавæртæ aдæмы æрбангом кодтой. Диссаг уый у æмæ зæххы къорийыл цыдæриддæр ирон адæм цæрынц, уыдон æрвылбон дзурынц махмæ, куыд ысты нæ хъуыддæгтæ, куыд ысты нæ кæстæртæ, зæгъгæ æмæ уыдон дæр кувынц. Хуыцау зæгъæд æмæ уыдоны куывдтæ дæр рæсугъдæй æрцæуæнт», – загъта Еналдыты Хъазыбег.

«Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг ма куыд загъта, афтæмæй йын тынг æхсызгон у, нæ фæсивæд йе ‘рогм нæ фыдæлты æгъдæуттæм кæй раздæхта æмæ сын стыр аргъ кæй кæны, уый.

«Нæ фæсивæд йæхи æгъдаумæ раздæхта. Куы акæсай, уæд цал азы фæд-фæдыл æрбацæуынц, алчидæр йæ кувинæгтæ æрбахæссы. Фæстаг рæстæг æхсызгон у иу хъуыддаг – хъæбæр нозт уырдæм ничиуал хæссы, адæм æрбацæуынц бæгæныимæ, сæ кувинæгтæ æрбахæссынц, дзуарæн лæггадгæнджытæ сын акувынц æмæ cæ афтæмæй афæндараст кæнынц сæ хæдзæрттæм. Тынг хорз у, адæм æмбарын кæй райдыдтой, уый», – бафиппайдта Еналдыты Хъазыбег.

Куыд ма радзырдта, афтæмæй адæймаг кувæн бынатмæ цæуынвæнд куы скæна, уæд хъуамæ йæхи бацæттæ кæна æмæ дзуары раз сыгъдæгæй æрлæууа.

«Спортивон дзаумæтты уырдæм цæуын не ‘мбæлы, фæлæ аивæй æмæ сыгъдæгæй. Уымæй сæйрагдæр ма иу хъуыддаг ис — кувæндонмæ куы цæуай, уæд хъуамæ бирæ рæстæг дæхи сыгъдæгæй фæдарай, хъуамæ цы хæринаг не ‘мбæлы, ахæм дæ дзыхмæ ма исай. Адæймаг сыгъдæг хъуыдытимæ куы бацæуы, уæд Хуыцау райсы куывдтытæ æмæ кувинæгтæ дæр», – загъта Еналдыты Хъазыбег.

Кæд рагзаман сылгоймæгтæ Тымбыл дзуары бынмæ нæ цыдысты, уæд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæcтæг уавæр аивта. Ирыстоны нæлгоймæгтæ сæ Фыдыбæстæ знагæй бахъахъхъæнынмæ араст сты æмæ сылгоймæгтæн гæнæн нал уыд – сæхæдæг-иу къохмæ  бацыдысты, кувæндонмæ та æрвыстой сæ кæстæрты, радзырдта «Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг.

«Ныр дуг аивта æмæ сылгоймæгтæ дæр цæуын райдыдтой. Кæд афтæ у, уæд хъуамæ сылгоймаг гомцонгæй ма уа, кæлмæрзæны, куыд æмбæлы, афтæ – аивæй. Кувæндоны бын иууылдæр æмсæр сты адæм æмæ кæд бацыдтæ, уæд хъуамæ дæхи равдисай уæзданæй. Уæд цы курдиæттимæ бацыдтæ, уыдон дæр фехъуысдзысты», – загъта нæ ныхасы кæрон Еналдыты Хъазыбег.

Автор: Хуытыгаты Тамарæ, къам: Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æмæ хицауады официалон сайт

Последние новости

Следственное управление предупреждает об ответственности за невыплату заработной платы

Невыплата заработной платы и иных выплат (пенсий, стипендий, пособий) является одним из нарушений конституционных прав гражданин и основанием привлечения работодателя к уголовной ответственности по ст.

 «Россети Северный Кавказ» обеспечили электроэнергией более 1,5 тысячи новых объектов в Северной Осетии

Специалисты филиала «Россети Северный Кавказ» – «Севкавказэнерго» за 11 месяцев 2024 года подключили к централизованным электрическим сетям 1 514 новых объектов.

Отделение СФР по РСО-Алания напоминает самозанятым об уплате страховых взносов до 31 декабря

Отделение СФР по РСО-Алания напоминает гражданам, работающим на себя и применяющим налог на профессиональный доход, что до 31 декабря текущего года они могут уплатить добровольные страховые взносы для того,

МегаФон для бизнеса: как выбрать интернет-тариф для работы и путешествий

Решения для предпринимателей и компаний, которые ценят стабильность, скорость и удобство подключения

На этом сайте представлены актуальные варианты, чтобы снять квартиру в Орехово-Зуево на выгодных условиях

Комментарии (0)

Добавить комментарий

Ваш email не публикуется. Обязательные поля отмечены *